Хуссар Иры электрик амард токы цæфæй

Ӕнамонд цау æрцыд æртыццæджы Баланы хъæуы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы прокуратурæ бæлвырд кæны Баланы хъæуы цæрæджы мæлæты аххосæг, хъусын кæны МХМ-ы пресс-службæ.

Энергетиктæ иуварс кæнынц электрон хызæджы аварийы фæстиуджытæ

Ленингоры мидхъуыддæгты управленийы радгæсон хаймæ бацыд хъусынгæнинаг тагъд æххуысы бынæттон станцы радгæсонæй, 21 марты кæй амард Баланы хъæуы 55-аздзыд цæрæг.

"Фæмардуæвæг куыста Ленингойраг дæлстанцы. Барадхъахъхъæнæг органты версимæ гæсгæ, йæ мæлæты аххосæг ссис электрон токы цæф", — банысан кодтой МХМ-ы.

Цауы бынатмæ ацыдысты Ленингоры мидхъуыддæгты районон управленийы æмæ Ленингоры прокуратурæйы кусджытæ. Прокуратурæ уадзы мадзæлттæ трагедийы æууæлтæ сбæлвырд кæныны фæдыл.