Зындгонд нывгæнæг Гобозты Владимиры равдыст ацæудзæн Цхинвалы

Равдыст уыдзæн бирæварсон - фенæн дзы уыдзæн гобелен, хуызфыссынад, графикæ æмæ архитектурон композицитæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Курдиатджын аивнывгӕнӕг, ӕхсӕнадӕмон равдыстты лауреат ӕмӕ Медичийы кадджын майданы кавалер Гобозты Владимиры куыстыты равдыст "Притяжение: Москва–Цхинвал" æрбайгом уыдзæн Цхинвалы, фехъусын кодтой Sputnik культурæйы министрады.

Нывгӕнӕг Гобозты Владимир: Европӕ уарзы Кавказы

Равдыст æрбайгом уыдзæн ПККЗ "Чермен"-ы 27 марты. Мадзал æрæмных кодтой культурæйы фадыджы кусæджы бæрæгбонмæ.

"Бирæварсон равдыст у. Уыдзæн дзы гобелен, хуызфыссынад, графикæ æмæ архитектурон композицитæ. У тынг цымыдисон нывгæнæг, бирæнымæц æхсæнадæмон проектты архайæг. Нæ хæсыл нымайæм цхинвайлæгты йæ куыстытимæ базонгæ кæнын. Владимир æрцæудзæн Цхинвалмæ 25 марты", — банысан кодтой уагдоны.

Министрады ма радзырдтой, равдыст арæзт кæй цæуы Уæрæсейы уæвæг Хуссар Ирыстоны минæварады æмархайдæй.

Гобозты Владимир цæры æмæ кусы Цхинвал æмæ Мæскуыйы. У æхсæнадæмон нывгæнджыты федерацийы, Ӕхсæнадæмон аивады фонды, Мæскуыйы нывгæнджыты цæдисы уӕнг, Италийы нырыккон аивады равдысты лауреат. У европæйаг вернисажты архайæг, 2016 азы йæ куыстытæн равдыст уыд "Российская неделя искусств"-ы фӕлгӕтты.