Нывгӕнӕг Гобозты Владимир: Европӕ уарзы Кавказы

© SputnikВладимир Гобозов
Владимир Гобозов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Эксклюзивон интервьюйы Sputnik зындгонд аивадон нывгӕнӕг радзырдта, куыд басаста хуыздӕр европӕйаг вернисажтӕ ӕмӕ куыд хъӕуы аразын нывт зӕронд телевизортӕй.

Мӕскуыйаг галереяйы "Артплэй" нырыкон аивады ӕхсӕнадӕмон равдыст "Российская неделя искусств"-ы фӕлгӕтты уагъд цӕуы нывгӕнӕг Гобозты Владимиры равдыст. Курдиатджын аивнывгӕнӕг — ӕхӕнадӕмон равдыстты лауреат ӕмӕ Медичийы кадджын майданы кавалер. Гобозты Валерийы куыстытӕ сты музейтӕ ӕмӕ хисӕрмагонд коллекциты бирӕ бӕстӕты.

Sputnik уацхӕссӕг Лев Рыжков фембӕлд нывгӕнӕгимӕ ӕмӕ раргом кодта йе 'нтысты сусӕгдзинӕдӕй цалдӕр.

Ирыстон къахы ӕнгуылдзтыл

— Фыццаг хатт дӕ къухмӕ кӕд райстай цъылинæг ӕмӕ ахорӕнтӕ?

— Ныв кнын мӕ зӕрдӕмӕ цыд сабидонӕй фӕстӕмӕ. Уымӕ ахъаз уыд мӕ фыд,кӕцы мын ӕвдыста нывтӕ, ӕххуыс мын кодта мӕ фыццаг къахдзӕфты. Ныв кодтон алцыппӕтдӕр — пейзажтӕ, портреттӕ, натюрморттӕ. Цыдӕриддӕр мӕ зӕрдӕмӕ цыд.

—  Дӕ фыд нывгӕнӕг уыд?

— Нывгӕнӕг нӕ уыд, фӕлӕ ныв кӕнын уарзта. Раст зӕгъгӕйӕ та уыд экономист.

- Хуссар Ирыстгны дын иууыл уарзондӕр бынат цы у?

— Тынг зын фарст у! Хуссар Ирыстон иууылдӕр тынг цымыдисон у. Бынӕттӕ иууылдӕр сты зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ зонгӕ. Хӕхтӕ, цӕугӕдӕттӕ…Чысылӕй Хуссар Ирыстоныл иууылддӕр бӕггъӕввадӕй ӕрзылдтӕн. Хуссар Ирыстон ис мӕ къӕхты ӕнгуылдзты.

— Ирон пейзажтӕ дын ис?

— Уыдс, фӕлӕ пейзажист нӕ дӕн. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ пейзаж афтӕмӕй дӕр рӕсугъд у, куы йӕм кӕсай. Мӕ бон ӕй нӕу цы у, уымӕй аивдӕр ныффыссын. Уымӕ гӕсгӕ, ӕз пейзажист нӕ дӕн.

© SputnikГобозты Владимиры куыст
Работа художника Владимира Гобозова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гобозты Владимиры куыст

Нывгӕнынад ӕви арӕзтад

— Чысылӕй аскъуыддзаг кодтай нывгӕнӕг суӕвын? Ӕви дӕхи ӕндӕр профессимӕ цӕттӕ кодтай?

— Никуы хъуыды кодтон мӕ нысанӕвӕрдыл. Иудадзыг кодтон ныв. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Фӕстӕдӕр, студент уӕвгӕйӕ, хайад истон фыццаг равдыстты.

—  Цы дӕсниадыл ахуыр кодтай?

— Ис мӕм архитекторы ахуырад. Ахитектурӕ дӕр мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Скъолайы фӕстӕ дӕр ма дызӕрдыг кодтон, ахуырмӕ кӕдӕм бацӕуон… Ӕппынфӕстаг мӕ равзӕрст ӕрӕвӕрдтон архитектурӕйыл.

— Ома Дӕ проекттӕм гӕсгӕ сарӕзтой бӕстыхӕйттӕ?

— Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы.

—  Кӕм сын ис гӕнӕн фенын?

— Ӕппӕт Цӕдисыл, уыдис командировкӕтӕ Братск, Пятигорск, Ставропольмӕ.

 — Цӕрӕн хӕдзӕрттӕ?

— Нӕ, алыгъуызон объекттӕ. Уым уыд уазӕгдонон комплекстӕ, рагон хӕдзӕртты реставраци. Уымӕн ӕмӕ мӕ дипломы темӕ дӕр уыд ахӕм — "Зӕронд горӕты реставраци". Ахуыр кодтон, барстон зӕронд хӕдзӕрттӕ, кӕцытӕ нӕ уыдысты архивы.

— Цӕмӕн ныууагътай архитектурӕ?

Гобозты Владимиры равдысты афишӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг нывгӕнӕг Гобозты Владимиры равдыст ацæудзæн Мæскуыйы

— ССР цӕдисы ныппырхимӕ баст бӕлвырд ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ цауты фӕстӕ ӕз хъысмӕты фӕндӕй февзӕрдтӕн Мӕскуыйы. Фӕнд кодтон ме ′мгаримӕ Германимӕ ацӕуын, цӕмӕй стӕй мӕ бинонты дӕр акӕнон. Фӕлӕ мӕ ӕппындӕр фӕсарӕнтӕм нӕ фӕндыд. Бынтондӕр! Фӕлӕ аззадтӕн ӕгуыстӕй ӕмӕ мӕ куыддӕрты хъуыд цӕрын. Ӕмӕ раст уӕд фӕхъуыды кодтон, нывгӕнӕг кӕй дӕн.

Телевизор, сой…

— Ӕмӕ цы бафӕлвӕрдтай саразын?

— Алцыдӕр райдыдтон ногӕй. Мӕскуыйы, зӕгъӕн ис ӕмӕ райдыдтон уынгӕй. Мӕ куыстытӕ иу рахастон Хъарымаг донбылгӕронмӕ. Алчидӕр ӕййӕфта уӕззау рӕстӕджытӕ. Кӕрдзыны ӕхцайы тыххӕй, ногӕй мӕ къухмӕ райстон цъылинæг. Нӕ уыд ӕхца цъылинаг, ахорӕнтӕ, каттӕг балхӕнынӕн. Рйстон иу фӕйнӕг ӕмӕ иу ӕй грунтовкӕ кодтон. Уымӕн ӕмӕ цыфӕнды фӕйнӕгӕн дӕр ис нывкӕнынады бын сгрунтовкӕ кӕнын. Ацы технологимӕ гӕсгӕ раздӕр фыстой уазнывтӕ.

— Арӕхстджын!

— Уӕдӕ цы сарызтаин?! Фӕлӕ иуууыл хуыздӕр ӕрмӕг ссисты ӕппӕрст телевизортӕ. Хъуыды май ӕ кӕнут, раздӕр иу хъӕдӕйкорпусимӕ телевизортӕ куы уыд, иу фарсыӕрдыгӕй лакӕй сӕрст? Телевизорты фӕйнӕг уыд рӕстӕгӕй фӕлдӕрд ӕрмӕг. Уыимӕ иумӕ ма уыдсты сӕрст хорз лакӕй. Иннӕ ӕрдыгӕй сын уыд грунтовкӕ скӕнын ӕмӕ кусын. Фӕстӕдӕр мӕ куыстытӕ телевизортыл ластон Испанимӕ. Уым адӕмы зӕрдӕмӕ тынг цыдысты. Уыдоны нӕ уырныдта "Ӕцӕгдӕр телевизорыл?". Хъуыддаг уыйонг ӕрцыд ӕмӕ курӕг уыдтӕн бомжтӕй, цӕмӕй искуы бырондоны зӕронд телевизор куы феной, уӕд мын ӕй куы ӕрбахӕссой, уӕд сын уыдзӕн тынг бузныг.Хастой. Абон ахӕм ӕрмӕг никуы ссардзӕ.
Олигархы цӕсгом сныв кӕнын

- Уӕдмӕ Дыл ӕвӕццӕгӕн сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой галеристтӕ ӕмӕ арт-дилертӕ?

— Уойы. 1993-1994 азты. Уыд мы равдысттӕ галереяты, Нывгӕнджыты централон хӕдзары. Галереятӕй мӕ иууыл фыццаг федта ӕмӕ ӕрбахуыдта "Ир-арт". Йӕ фӕстӕ уыдысты ӕндӕр галереятӕ. Ӕрбайгом сты фыццаг равдысттӕ. Уый фӕстӕ февзӕрдтӕн фӕсарӕнты. Ӕхсӕнадӕмон арт-армукъӕйы Барселонӕйы.

- Тыхстӕ?

— Тынг цины ӕнкъарӕнтимӕ цыдтӕн уырдӕм,фӕлӕ мын фӕстӕмӕ билетӕн ӕхца нӕ фаг кодта. Фӕлӕ, Хуыцауы фӕрцы рауад афтӕ, ӕмӕ мӕ куыстытӕ сӕвзӕрын кодтой цымыдис иу егъау коллекционӕрмӕ Барселонӕйӕ, кӕц ыбалхӕдта мӕ куыстытӕй цалдӕр.

— Ӕмӕ дын билетӕн сфаг?

— Ӕрмӕст билетӕн нӕ! Уый уыд фыцаг равдыст фӕсарӕнты. Уый фӕстӕ мын уыд радысттӕ бирӕ ӕндӕр ӕхсӕнадӕмон фӕзуӕттыл. Испайнӕгтӕ мам ӕ рекомендаци дӕр скодтой Италийы, Флоренцийы биеналлемӕ. Уым мын лӕвӕрд ӕрцыд Медичийы хорзӕх. Уый фӕстӕ мӕ хъуыддӕгтӕ райдыдтой цӕуын тынг хорз.

© SputnikГобозты Владимиры равдыст
Выставка художника Владимира Гобозова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гобозты Владимиры равдыст

—  Кӕмӕ сты Дӕ куыстытӕ?

— Бирӕ кӕмӕдӕрты. Фӕлӕ кӕй зонын, уыдоны ӕхсӕн сты коллекционертӕ Хосе-Антонио Тормо Валенсийӕ, италиаг Карло Пасторини.Мӕ коллекцитӕй стыр ис Каталонийы иууыл тыхджындӕр пианисткӕ —Гуаделупе Кабассимӕ. "Макдональдс"-ы минӕвармӕ Уӕрӕсейы Хамзод Хазбулатовмӕ дӕр ис мӕ куыстытӕй бирӕ. Ӕлхӕдтой сӕ Лукойл, Росбанчы къухдариуӕггӕнджытӕ

— Олигархтӕм дӕр сты Дӕ куыстытӕ?

— Кӕддӕр мын Владимир Потанин сарӕзта заказ Михаил Прохоровы портрет саразын. Уӕд нырма иумӕ куыстой. Куыстон ыл стур сусӕгдзинады уавӕры- уый уыд лӕвар йӕ гуырӕнбонмӕ. Фӕстӕдӕр мын загътой, гобелен кӕй фӕцыд йӕ зӕрдӕмӕ. Мӕхӕдӕг реакци нӕ федтон — лӕвар дӕтта Потанин

— Дӕ куыстыты европӕйаг ӕлхӕнджытӕн цы ахаст ис экзотикон ирон символтӕм дӕ куыстыты?

— Уыдонӕн сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, Кавказимӕ баст алцыдӕр. Уӕлдай тынг мын мӕ куыстытӕ уарзынц Барселонӕйы, Каталонийы. Зӕгъын хъӕуы ӕмӕ Каталония у раздӕры Готалания. Фӕлӕ, ӕз нӕ аразын акцент ирон нюанстыл. Кавказ иууылдӕр у цымыдисаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0