Путин расидт фыдохы бон Кемеровойы трагедийы тыххæй

Президент дидинтæ сæвæрдта БЦ бæстыхаймæ, бабæрæг кодта зианбаййафджыты рынчындоны æмæ ауагъта æмбырд бæллæхы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik. Æппæтуæрсейон фыдохы бонæй расидт æрцыд æртыццæг, 28 март, Кемеровойы æрцæугæ трагедийы тыххæй, хъусын кæны РИА Новости. Ӕмбæлон барамынд бафыста УФ президент Владимир Путин.

Цхинвалы ног аргъуаны ауагътой Кемеровойы трагедийы амæттæгты номыл панихидæ

Абон бæстæйы æппæт горæтты дæр ахастой хиирхæфсæн мадзæлттæ, паддзахадон тырысатыл æрхæцыдысты бынмæ.

"Хъынцъым кæнæм трагедийы амæттæгтыл æмæ мæсæлæй зæгъæм зианджын бинонтæн, барамынд дæттын… 2018 азы 28 март расидын фыдохы бонæй Уæрæсейы Федерацийы", — дзырдæуы барамынды.

Уымæй дарддæр ма хицауад æмæ регионы хицæуттæн хæсгонд æрцыд зынгирвæзты амæтæгты хиуæттæн баххуыс кæнын.

Кемеровойы цыппаруæладзыгон базарадон центры зынгсирвæзт æрцыд хуыцаубоны. Трагеди ахаста 64 адæймаджы цард – сæ фылдæр сты сывæллæттæ.