Бибылты Анатолий фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны экономикæ кæй у æнтыстджын

Хуссар Ирыстоны хисæрмагонд æфтиæгты фæфылдæр баст у хъалонты фæбæрзонддæр кæнынимæ нæ, фæлæ фиддонты системæ фæхуыздæр кæнынимæ, бахахх кодта президент
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хисæрмагонд æфтиæгты рæзты бæрæггæнæнтæ, кæцытæ ахызтысты иу миллиард сомæй, дзурæг сты республикæйы экономикæ кæй у æнтыстджын, загъта президент Бибылты Анатолий.

"Мегафон-Хуссар Ирыстон" къаддæрæй-къаддæр фиддонтæ хæссы бюджетмæ

Хуссар Ирыстоны министрты кабинеты рабадты рæстæджы, кæцы уагъд цыд президент къухдариуæгады бын, банысан æрцыд, паддзахады хисæрмагонд æфтиаг абоны бон кæй у 1 миллиард 94 милуан сомы бæрц.

"Ахызтыстæм миллиардон къæсæрæй, æмæ уый та бантыст саразын хъалонты фæфылдæры руаджы нæ, фæлæ фиддонон системæ фæхуыздæр кæныны фæрцы. Фæнды мæ бузныг зæгъын бæрнджын органтæн, финансисттæн, æххæстгæнæн органтæн сæ активон куысты тыххæй. Уый у фыццаджыдæр хицауады æнтыст", — хъусын кæны Бибылты Анатолийы ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Хицауады рабадтыл фехъусын кодтой 2017 азæн бюджеты сæххæсты параметртæ: æфтиæгтæ уыдысты 7, 2 миллиард сомы, хæрдзтæ та – 7,7 миллиард сомы, дефициты суммæ уыд æрдæгмиллиард сомæй чысыл фылдæр.