ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий балæвар кодта инвалидон къаласкъæ фондзаздзыд Георгийæн, кæцыйæн ис сывæллæтты церебралон паралич (СЦП), хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Президент бабæрæг кодта Гафезы уынгыл цæрæг Хъотайты бинонты æмæ бацымыдис кодта сывæллоны æнæниздзинады уавæрмæ.
Георгийы ныййарджытæ бахатыдысты президентмæ æмбæлон курдиатимæ марты райдианы. Тезгъогæнæн къаласкъæ чысыл лæппуйæн æлхæд æрцыд Бибылты Анатолий цы хæрзаудæн фонд — "Аланийы иудзинад" — сарæзта, уый фæрæзтæй.
"Анатолий Ильяйы фырт, стыр бузныг дын бакæнгæ æххуысы тыххæй. Георгий сырæзт йæ зæронд къаласкъæйæ æмæ йæ иууыл хъуыд къухтыл хæссын", — загъта Георгийы мад Гаглойты Инна.
Бибылты Анатолий аныхас кодта сывæллонимæ æмæ йæ ныййарджытимæ, йæ цæст бауарзта лæппуйæн æнæниздзинад æмæ царды хæрзиуджытæ.
"Ма тыхсут, æххуыс уын кæндзыстæм дарддæр дæр", — загъта президент.
Президенты пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй фонд "Аланийы иудзинад"-ы иунæг бындурæвæрæг у Бибылты Анатолий. Фонды исад сæйраджыдæр у арæзт йæ бындурæвæрæджы фиддонтæ, хæрзаудæн мысайнæгтæ, гранттæ æмæ бархионты куыстæй.
Фонд ныридæгæн баххуыс кодта 40 æмбæстагæн æмæ организацийæн.