Бибылты Анатолий: уазæгдон "Алан"-ы хъæуы инвестор

Паддзахады сæргълæууæг базонгæ ис Цхинвалы иууыл егъаудæр уазæгдоны уавæртимæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бабæрæг кодта уазæгдон "Алан" Цхинвалы æмæ базонгæ ис, уазæгдон "Ирыстон"-æй уырдæм цæрынмæ цы лигъдæтты арвыстой, уыдоны уавæртимæ, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

"Алан"-ы уæд æрцæрын кодтой фондз адæймаджы, уыдон рæстæгмæ цæрынц дыууæ уазæгдонон номыры. Президенты ныхæстæм гæсгæ, сæ царды уавæртæ "нæ дзуапп кæнынц домæнтæн, бæстыхай домы капиталон цалцæг æмæ уыимæ иумæ, уазæгдон нæу иудадзыг цæрынæн".

Президент РЮО побывал в гостинице "Алан"

Уазæгдоны директор Мæргъиты Фатимæ ма рахъаст кодта, зæгъгæ, лигъдæтты æрцардимæ, уазæгдоны персоналыл фæфылдææр уаргъæвæрд, иудадзыг цæрджытæ та кæддæрты хъыг дарынц уазджыты.

Бибылты Анатолий радта дзырд проблемæ аскъуыддзаг кæнын ацы аз. Уый ма фехъусын кодта, уазæгдон "Алан"-ы цалцæгæн, кæцы ныртæккæ ис Паддзахадон унитарон куыстуаты статусы, кæй ссардтой инвестор.