Цхинвалы басыгъд уæзласæн хæдтулгæ

Фæсарæйнаг хæдтулгæйæн иууылдæр басыгъд йæ гуыффæ, МХМ кусджытæ иртасынц цау
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. Уæзаласæн хæдтулгæ"Mitsubishi Canter"-йы гуыффæ басыгъд æртыццæджы æхсæв Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты, хъусын кæны МХМ пресс-службæ

Уагдоны кусджытæ бацыдысты цауы бынатмæ, уыдон сбæлвырд кодта машинæйы хицауы, кæцы цæры Нæузæххонты уынгыл.

Фæсарæйнаг хæдтулгæйæн иууылдæр басыгъд йæ гуыффæ, къамтæм гæсгæ кабина аирвæзт. МХМ горæты хайад сгары хъуыддаг.

В Цхинвале сгорел грузовик