Мызды хæс: президент сæххæст кодта æвзæрстагъоммæ ныфс

Къуаисайы коттеджты хъахъхъæнджытæн сæ куыстмызд бафидын президент баныфсæвæрдта йæ æвзæрстон кампанийы рæстæджы, æрæджы уыдонæн рахицæн æрцыд 270 мин сомы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Къуыдаргомы цæугæ дон Джоджорайы былыл уæвæг коттеджты хъахъхъæнджыты куыстмызд бафыста президент Бибылты Анатолий, фехъусын кодта Sputnik горæт Къуаисайы администрацийы хистæр Бæззаты Геннадий.

Трассӕ Гуфта–Къуайса арæзт фæуыдзæн азы кæронмæ

Хæдзæртты хъахъхъæнджытæн сæ куыстмызд фыст не ʻрцыд цалдæр азы.

"Бибылты Анатолий æвзæрстагъоммæ фембæлдты рæстæджы баныфсæвæрдта коттеджты хъахъхъæнджыты куыстмызды хæс бафидын. Уал аз рацыд, бирæтæ æнхъæл дæр нал уыдысты æмæ ма семæ сраст уыдзысты", — загъта мэр.

Уый ма банысан кодта, æртæ хъахъхъæнæгæй иу ацы æхсызгон цаумæ нал фæцард.

"Фæйнæ 90 мин сомы райстой æртæ хъахъхъæнæгæй алкæцыдæр — Танделаты Ирбег, Икъоты Павел æмæ Джуссойты Надя та райста йæ дзæнæттаг моййы бæсты, уый ацы бонмæ нал фæцард",- бафтыдта уый.

Ныридæгæн ма 20 коттеджæй Джоджорайы былыл лæууы 14, уыдонæй 5 сæ хицæуттæ аластой æмæ сæ сæвæрдтой æмбæлон бынæтты, иу та дзы зынджы амæттаг фæцис.