ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik. Трассӕ Гуфта-Къуайсайыл арæзтадон куыстытæ балхынцъ уыдзысты 2017 азы ноябры ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сæйраг сахары Къуыдаргомимӕ сбæтдзæн ног хæрзвадат фæндаг, фехъусын кодта Sputnik автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыттаты Эдуард.
Гуфта-Къуаиса у республикӕйы зынвадатдæр фæндæгтæй иу, ис дзы зæй æрцæуыны бынæттæ. Арæзтадон куыстытæ трассӕйыл цæуынц ивгъуыд азæй фӕстӕмӕ.
"2017 азы комитетæн хицæн æрцыд 8,5 милуан сомы. Ныридæгæн арæзтадон куыстытæ цæуынц фæндаг Гуфта-Къуайсайы "аварион хайыл", кæцыйæн йæ дæргъ у 13,2 километры. Ӕппæт куыстытæ дæр цæуынц сæ рæстæгыл æмæ хъуамæ ноябрьмæ æд документаци лæвæрд æрцæуой", — загъта Гуыззыттаты Эдуард.
Уагдоны сæрдар ма радзырдта, Инвестицион нывæзтæй дарддæр комитетæн хицæн кӕй цæуы фæрæзтæ арæзт фæндæгты (319 километры) æмбæлон уагыл дарынæн.