Хуссар Иры сарæзтой хъахъхъæнынадон куыстуат

Ног паддзахадон куыстуатмæ рахызтысты МХМ æнæведомствæйон хъахъхъæнынады управленийæ сæ бынæттæй цы кусджыты систой, уыдон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сарæзтой Паддзахадон унитарон куыстуат "Ирбис", уырдæм куыстмæ рахызтысты æнæведомствæйон хъахъхъæнынады управленийы кусджытæй дыууæ сæдæйы бæрц, хъусын кæны ведомствæйы пресс-службæ.

Хуссар Иры МХМ амоны скъоладзаутæн хорз æвзæрæй хицæн кæнын

Фарон октябры МХМ фехъусын кодта, кæй фæкъаддæр кæндзæн йæ хисæрмагонд сконды нымæц. 2019 азмæ ведомствæйы кусджыты нымæц ныры 1600 –йæ хъуамæ фæкъаддæр уа 1150-йы онг. МХМ-ы пресс-службæйы загътой, "Ирбис" кæй фæзынд Ӕнæведомствæйон хъахъхъæнынады хайады реорганизацийы фæстиуæгæн.

"Ирбис"-ы кусджыты сифтонг кодтой ног дарæсæй куыстуаты символикæимæ, рахицæн сын кодтой кусæгон автотранспорт æмæ сæ ныддих кодтой посттæм гæсгæ.

"Ирбис"-ы хъахъхъæнынады бын ныртæккæ ис 30 паддзахадон объекты бæрц. Ӕрвылбон радгæсад хæссынц куыстуаты 60 кусæджы, уыдонæн сæ 75% сты æрыгон лæппутæ", — загъта куыстуаты директор Ӕлборты Хасан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, коллективы ис фæлтæрдджын, профессионалон кусджытæ, "сæйраджыдæр кадрон кусджытæ, бухгалтертæ, кæцытæ дæргъвæтин æзты фæкуыстой МХМ-ы æмæ рацыдысты пенсийы".