Къуаисайы мидæггагон фæндæгты æмбис арæзт æрцæудзæн 2018 азы

Хуссар Ирыстоны дыккаг горæты ацы аз сараздзысты 3 километры бæрц фæндæгтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты инвестицион нывæзты фæлгæтты Къуаисайы централон уынгтæ арæзт æрцæудзысты 2018 азы, фехъусын кодта Sputnik горæты администрацийы сæрдар Бæззаты Геннадий.

Трассӕ Гуфта–Къуайса арæзт фæуыдзæн азы кæронмæ

Инвестицион нывæзтмæ бахаудысты æртæ уынджы – Хетæгкаты Къостайы, Гагарины æмæ Комаровы уынгтæ. Уыдонæн раивдзысты сæ коммуникацитæ, бамбæрздзысты сæ асфальтæй.

"Горæты тæккæ центры ис дыууæ сæйраг трассæйы, уыдонæй иу арæзт æрцæудзæн Инвестицион нывæзты фæлгæтты. Сæйраг фæндагон хахх дих у æртæ уынгыл — Хетæгкаты Къостайы, Гагарины æмæ Комаровыл, уыдон се ʻппæт дæр æрцæудзысты арæзт, раивдзысты коммуникациты иу хай", — загъта горæты хистæр.

Уый ма банысан кодта, ацы аз ма ноджы Ленины уынгыл та кæй раивдзысты коммуникацитæ.