Цхинвалы фæбæрæг ис хуыздæр нардихъазæг

Турниры чемпион ссис Пухаты Руслан, уый йæ уæлахиз бахæлар кодта йе ʻмгарæн, Хуссар Ирыстоны сгуых артист Багаты Георгийæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы рабæрæг кодтой нардитæй тыхджындæр хъазджыты. Боны дæргъы спортивон амонд æмæ арæхстдзинад фæлвæрдтой 50 хайадисæджы, се ʻхсæн сылгоймаг дæр, фехъусын кодтой Sputnik столицæйы администрацийы пресс-службæйы.

Спортивон ерыстæ нардитæй ацыдысты Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт. Фæлварæн мадзал сорганизаци кодта Цхинвалы администрацийы спорт, фæсивæдон политикæ æмæ культурæйы хайад.

"Турниры уæлахиздзауы номыл тох бацайдагъ Пухаты Руслан æмæ Цхуырбаты Людвигы ʻхсæн. Ныхмæлæуд разынд æндыгъд æмæ дзы уæлахиздзауæй рахызт Пухаты Руслан. Турниры æртыккаг призеры бынатмæ тырныдтой Хаситы Роланд æмæ Пухаты Александр, уыдонæй дыккагмæ бахудт спортивон амонд", — загъта мэрияйы пресс-секретарь Коцты Зæринæ.

Турнир рамбулæг Пухаты Руслан йæ уæлахиз бахæлар кодта йе ʻмгарæн, Хуссар Ирыстоны сгуых артист Багаты Георгийæн.

Фыццаг хатт Цхинвалы: спортсменты хонынц нардитæй ерыстæм

"Георгий тынг уарзы ацы хъазт, фæлæ йе 'нæниздзинады тыххæй ис Петербурджы æмæ турниры архайын йæ бон не ʻссис. Мæ зæрдæ йын зыгъы фидар æнæниздзинад, уырны мæ, уый дæр ме ʻмбæрц кæй цин кæны мæ уæлахизыл", — хъусын кæны пресс-службæ уæлахиздзауы ныхæстæ.

Уæлахиздзауы номæй дарддæр ма æнтыстжындæр хъазджыты горæты администраци схорзæхджын кодта æхцайы премитæй. Фыццаг бынаты хицау райста 30 мин сомы, дыккаг — 20 мин, æмæ æртыккаг та — 10 мин сомы. Сæрмагонд приз лæвæрд æрцыд турниры иунæг сылгоймаг–хъазæг Пухаты Джульеттайæн.