Парламенты спикер: Хуссар Иры хъæуы ног Конституци

Гасситы Петр банысан кодта, архайгæ Конституцийы бирæ кæй ницыуал ис 2001 азы райсгæ бындурон законæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны арæзт æрцæудзæн сæрмагонд къамис ног Конституци райсыны фæдыл, загъта пресс-конференцийы рæстæджы парламенты спикер Гасситы Петр. 

Архайгæ республикæйы Бындурон закон райст æрцыд 2001 азы. Уæдæй фæстæмæ уымæ бахаст æрцыд бирæ ивындзинæдтæ, политиктæ æмæ эксперттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусын кодтой сæ цæстæнгас ног Конституци райсыны фæдыл.

"Уый тыххæй дзурынц бирæтæ, ацы æнхъарæнимæ парламенты фыццаг вице-спикер Мамиты Инал бахатыд раздæры президентмæ, фæлæ хъуыддаг йæ бынатæй нæ феккуырст. Уый бæрц барастгæнинæгтæ бахæссыны фæстæ, Конституци хъæуы раивын æмæ райсын ног редакци", — загъта Гасситы Петр.

Президент: Уӕрӕсейы Конституци ссис бӕстӕйы райрӕзты бындур

Уый банысан кодта, архайгæ Конституцийы бирæ кæй ницыуал ис 2001 райсгæ Бындурон законæй.

Спикер ма фехъусын кодта, æввахс рæстæджы кæй æрцæудзæн арæзт къамис уый фæдыл æмæ ацы фарст æрцæудзæн скъуыддзаг.

Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ, къамисы скондмæ бацæудзысты алы æмвæзадыл специалисттæ дæр, баххуыс кæндзысты Федерацийы советы æмæ УФ-йы президенты администрацийы юристтæ дæр.