Амард инæлар-лейтенант Тедеты Улифан

Орден "Уацамонгæйы" кавалер йæ цардæй ахицæн 80-аздзыдæй – йæ юбилей Улифан банысан кодта марты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дæргъвæтин рынчыны фæстæ йæ цардæй ахицæн инæлар-лейтенант, орден "Уацамонгæ"-йы кавалер – Тедеты Улифан, хъусын кæны республикæйы хъахъхъæнынады министрад.

Президент раарфæ кодта инæлар-майор Тедеты Улифанæн 80 азы юбилейы цытæн

Ӕфсæддон архæйдтыты ветеран амард 80-аздзыдæй. Йæ юбилей Улифан банысан кодта марты.

Хъахъхъæнынадон уагдоны фехъусын кодтой, Тедеты Улифаны зиан бавæрыны хæрдзтæ иууылдæр йæхимæ кæй райсдзæн хъахъхъæнынады министрад.

Тедеты Улифан иста активон хайад ивгъуыд æнусы 90-æм æзты гуырдзиаг агрессийы ныхмæ тохты. Уый разамынд лæвæрдта хибахъахъхъæды штабæн, фæстæдæр ссис хъахъхъæнынады министрады штабы сæргълæууæг.

Тедеты Улифан 32 азы службæ кодта ССРЦ-ы Гарзджын тыхты, иста хорзæхтæ. Уыдонæй иу – "Ӕфсæддон сгуыхтты тыххæй" майдан, кæцы фидар æрцыд ССРЦ-ы Уæлдæр Советы Президиумы барамындæй.