Хуссар Иры президент балæвар кодта авд инвалидон къаласкъæ рынчынтæн

Инвалидон къаласкъæтæ ʻлхæд æрцыдысты хæзаудæн фонд "Аланийы иудзинад"-ы хæрдзтæй, кæцыйæн йæ бындурæвæрæг у президент
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны авд цæрæджы, кæцытæ рынчын сты сывæллæтты церебралон параличæй (СЦП) райстой инвалидон къаласкъæтæ. Паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæйы Sputnik фехъусын кодтой, амæй размæ президенты номыл кæй æрбацыд авд куырдиаты æмæ сæ иууылдæр сæххæст кодта.

Бибылты Анатолий хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæ"-йы минæвæрттимæ зилынц, рынчын сывæллæттæ цы бинонты ис, уыдоныл æмæ сын уарынц къаласкъæтæ.

Президент Южной Осетии подарил инвалидные коляски больным ДЦП

Къуырисæры къаласкъæтæ райстой 42-аздзыд Пухаты Лана æмæ дыууæаздзыд Джиоты Илларион. Илларионы бинонтæ цæрынц микрорайон "Хурзæрин"-ы.

"Стыр бузныг дын, Анатолий Ильяйы фырт. Ӕхсызгон нын у, нæ куырдиат афтæ тагъд кæй сæххæст кодтай æмæ нæм кæй фæуазæг дæ", — загъта президентæн рынчын сабийы фыд Джиоты Сергей.

Уӕззау уавӕрты бахауӕг бинонтӕн, кӕцытӕ бахатынц президентмӕ, баххуыс кӕнынц хӕрзаудӕн фонд "Аланийы иудзинад"-ы уылты. Фонды иунӕг бындурӕвӕрӕг у бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

Президент балæвар кодта инвалидон къаласкъæ фондзаздзыд Хъотайты Георгийæн

Уымӕй дарддӕр ма Бибылты Анатолий йе ‘ххуысы къух фӕдаргъ кӕны хӕрзаудӕн фонд "Лӕвар базыртӕ"-мӕ дӕр.

"Президент никуы ныууадзы ӕнӕхъусдардӕй ӕххуысхъуаг сабиты", — хъусын кӕны пресс-службӕ фонды сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Татьянайы ныхӕстӕ.

Къаласкъӕты аргъ ивы сӕ техникон фадӕттӕ ӕмӕ рынчын сабиты кармӕ гӕсгӕ.

Бибылты Анатолий йӕхи рады бахахх кодта, ӕххуысхъуаг бинонтӕм хъусдард кӕй адарддӕр уыдзӕн, ӕмбӕстӕгты куырдиӕттӕ ӕнӕркастӕй нӕ зайдзысты.