ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. Мидхъуыддæгты министрады Ленингойраг управленийы оперативон кусджытæ сгарæн балхæды фæстиуæгæн байстой цалдæр авджы Гуырдзыстоны арæзт нозт, хъусын кæны Хуссар Иры МХМ-ы пресс-службæ.
Оперативон-агурæн мадзæлттæ уагъд æрцыдысты Икъоты хъæуы хæлцадон дукани "Маркет Икоти"-йы. Оперативон кусджытæ балхæдтой 300 сомæй коньяк "Зæронд Тбилиси"-йы авг æнæ хуссарирыстойнаг акцизæй.
"Нозт рауæй кодта Икъоты хъæуы 47-аздзыд цæрæг сылгоймаг. Дукани басгæрсты рæстæджы ссардтой æмæ байстой 300 сомы бæрц æхцайы фææрæзтæ, кæцытæй спайда кодтой сгарæн балхæды рæстæджы", — радзырдтой пресс-службæйы.
Афтæ ма раргом кодтой æмæ байстой Гуырдзыстоны арæзт æнæакцизон контрабандон нозт – коньяк "Асконели"-йы дыууæ авджы, сæн "Алозаны комы" æртæ авджы, иу авг сæн "Киндзмараули" æмæ иу авг та "Георгиан Спарклинг".
МХМ-ы куыд банысан кодтой, афтæмæй сылгоймаг сарæзта административон фыдракæнд: "æнæ æмбæлон маркировкæимæ продукцийы кæнæ базайраджы реализаци".
Факт басгарыныл кусы Ленингоры районы экономикон фыдракæндты ныхмæ криминалон милицийы хайад.