Дидинтæ Цхинвалæн: петуньятæ ʻздæхынц сæйраг сахармæ

Хуссар Иры сæйраг сахар йæхи цæттæ кæны Уæлахизы бонмæ, горæты централон уынгтыл ныссадздзысты 30 мин петуньяйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы администрацийы хæрзарæзтады комбинаты зæлдфæлындæн хайады кусджытæ садзынц хицæн хуыз петуньятæ æмæ æндæр дидинтæ столицæйы централон уыгты газонтыл, паркты æмæ скверты. Мэрияйы фехъусын кодтой, зæгъгæ, Стыр Уæлахизы бонмæ хъуамæ централон уынгтæ дидин скалой.

Виолеттайы чысыл бизнес: дидинджытæ Цхинвалы уынгтӕн

Фæстаг æртæ азы уалдзæджы кæрон зæлдфæлындæн хайад бавналы дидинтæ садзынмæ. Азæй-азмæ хæрзарæзт уынгты нымæц фылдæр кæны, рæзы ногсагъд иуазон дидинты нымæц дæр.

"Централон уынгтæ æмæ паркты дидинтæ ʻрцыдысты сагъд, кусæм ныр дыууæ къуырийæ фылдæр. Нывæзтмæ гæсгæ, хъуамæ куыстытæ балхынцъ уыдаиккой 9 маймæ. Нырма чысыл графикæй фæстиад кæнæм, фæлæ Стыр Уæлахизы бæрæгбонмæ æппæт централон уынгтæ дæр хъуамæ дидин калой", — загъта Sputnik горæты ландшафтон дизайнер Пæррæстаты Ирина.

Уый ма банысан кодта, дидинты иу хай æлхæд кæй цæуы фæсарæнты, аннæтæ та бынæттон амалиуæггæнджытæм.