Медойты Дмитрий: Хуссар Ир уӕрӕх кӕндзӕн ӕмгуыстад Арцахимӕ

Республикӕ Арцах ӕмӕ Хуссар Ирыстон фӕнд кӕнынц раттын ног импульс паддзахӕдты хсӕн ахастытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий йӕ кусӕгон балцы рӕстӕджы фембӕлд Арцахы паддзахадон министр Араик Арутюнянимӕ, хъусын кӕны фӕсарӕйнаг министрады пресс-службӕ.

Медойты Дмитрий фембæлд Микронезийы президентимæ

Министртӕ ӕруынаффӕ кодтой алыхуызон сферӕты дыууӕварсон ӕмгуыстдзинад адарддӕр кӕныныл, сӕйраджыдӕр, хъуыддагон ӕмӕ экономикон бастдзинӕдты райрӕзтыл. Фембӕлды ма ноджы банысан кодтой, дыууӕ паддзахад дӕр кӕй бацархайдзысты бӕстӕты хсӕн ахастытӕн ног импульс раттыныл.

Медойты Дмитрий загъта бузныджы ныхӕстӕ Арутюнянӕн йӕ хъарм райсты тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кӕй кӕнынц ӕфсымӕрон ахастытӕн Арцахимӕ ӕмӕ цӕттӕ сты саразын практикон къахдзӕфтӕ республикӕимӕ ахастдзинӕдтӕ райтынг кӕнынӕн.

Афтӕ ма дзырдӕмбӕлттӕ загътой сӕ хъуыдытӕ актуалон регионалон ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон фарстыты тыххӕй.