Дудайты Марикы марӕг йӕхи къахӕй ӕрбацыд милицимӕ

Зӕрдӕхсайгӕ лӕппу милицимӕ йӕхи къахӕй рбацыдис 28 апрелы ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дарынц Цхинвалы районы Мидхъуыддӕгты министрады управленийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) фехъусын кодта, йӕхи къахӕй кӕй ӕрбацыд милицимӕ Арцеуы хъӕуы 33-аздзыд цӕрӕг, кӕцыйы тыхон структурӕтӕ агуырдтой йӕ хъӕуккаджы — Дудайты Марикы резонансон амарды тыххӕй.

Хуссар Иры прокуратурæ фехъусын кодта Дудайты Марикы марæджы ном

Дудайты Марикы амардтой 16 январы Арцеуы хъӕуы. Фӕдагуырды хъуыдымӕ гӕсгӕ, Марикы фехста йӕ хъӕуккаг, кӕцы стӕй бамбӕхст Гуырдзыстоны территорийыл.

Мидхъуыдтӕгты министрады банысан кодтой, зӕрдӕхсайгӕ нӕлгоймаг йӕхи къахӕй кӕй ӕрбацыд Арцеуы Мидхъуыддӕгты министрады районон управленимӕ. Уый басаст Дудайты Марикы амардыл ӕмӕ радта тыхон структурӕтӕн фыдракӕнд цӕмӕй сарӕзта, уыцы хӕцӕнгарз — Макаровы пистолет ӕнӕ номырӕй фондз нӕмыгимӕ.