Хуссар Иры президент хайад райста "Барбашовы быдыр"-ы мемориалы баконды

Цӕгаты Ирыстоны гом арвы бын музей снӕуӕг кодтой Стыр Фыдыбӕстӕйы хӕсты фӕуӕлахизы боны цытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ацыд ӕфсӕддон-мемориалон комплекс "Барбашовы быдыр"-ы бӕрӕгбонон баконд. Мадзалы хайад райста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн бакодтой цырт Присы

Мемориал ис Джызӕлы хъӕуы цур, цы ран фӕззӕджы 1942 цыдысты карз тохтӕ, уымӕй байдыдта советон ӕфсӕдты контрбырст Цӕгат Кавказмӕ. Комплексы ис зындгонд цырт ӕвзонг салдат Петр Барбашовӕн, кӕцы йӕ буарӕй сыхгӕдта знаджы дзоты амбразурӕ ӕмӕ йӕ ӕмгӕртты мӕлӕтӕй фервӕзын кодта. Комплексы ма ноджы ис Кавказы тохы амӕттӕгты ӕфсымӕрон ингӕн.

Адӕмы раз раныхас кодта Бибылты Анатолий ӕмӕ банысан кодта, 9 май кӕй у советон адӕмы ӕхсарджын бӕрӕгбон.

Сырх лентӕ алыг кӕнынӕй бакодтой гом арвы бын музей, кӕцыйы бахизӕнмӕ хӕстӕг ис цӕгатирыстойнаг советон хъайтары аллей.  Музейы ма ноджы фенӕн ис хъайтарты къамтӕ ӕмӕ се сгуыхтдзинӕдтыл дзурӕг ӕрмӕг, цӕмӕй сӕ фӕдонтӕ зоной ӕмӕ хъуыды кӕной сӕ номдзыд ӕмбӕстӕгты.