Цхинвалы хӕдтулгӕ ныццавта 15-аздзыд чызджы

Фӕндагон транспортон цау (ФТЦ) ӕрцыдис Хъайтарты ӕмӕ Тӕболты Сергейы уынгты алвӕндагыл, чызджы уайтагъд аластой рынчындонмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрӕг ныццавта йӕ хӕдтулгӕйыл 15-аздзыд чызджы, кӕцыйы уайтагъд бахӕццӕ кодтой республикон рынчындонмӕ, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Барадхъахъхъæнæджы рæдыд: расыг шофыр ныццавта дыууæ сылгоймаджы

ФТЦ ӕрцыдис къуырисӕры Хъайтарты ӕмӕ Тӕболты Сергейы уынгты алвӕндагыл. МХМ-ы банысан кодтой, Цхинвалы 27-аздзыд цӕрӕг хӕдтулгӕ "Toyota Camry"-йыл кӕй ныццавта Дменисы хъӕуы цӕрӕджы, кӕцы нӕ цыдис фӕндаджы фистӕгон ахизӕныл.

"Цауы фӕстӕ ӕмбӕстаджы фӕхӕццӕ кодтой рынчындонмӕ йӕ синыстӕг ӕмӕ риуыгуыдыры цӕфтимӕ", — банысан кодтой МХМ-йы.

Уагдоны ма загътой, хӕдтулгӕйы скъӕрӕг кӕй уыд ӕрвонг.

Республикон рынчындоны банысан кодтой, чызджы уавӕр кӕй у хорз ӕмӕ йӕ цард ӕмӕ ӕнӕниздзинадӕн кӕй ницы тас ис.