"Ӕнӕмӕлгӕ полк" Хуссар Иры: акци ӕртымбыл кодта фондз мин адӕймагӕй фылдӕр

Стыр Уӕлахизы боны цытӕн "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы цыды Цхинвалы хайад райстой ӕппӕт республикӕйы цӕрджытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Театралон фӕзуатыл 9 Майы бӕрӕгбоны цытӕн ӕхсӕзӕм хатт уагъд ӕрцыд бӕрӕгбонон акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк". Бӕрӕгбонон цыды, кӕцы райдыдта ӕфсӕддон парады фӕстӕ, хайад райстой фондз мин адӕймагӕй фылдӕр ӕппӕт республикӕйӕ, се 'хсӕн президент Бибылты Анатолий ӕмӕ хицауады кусджытӕ.

Хуссар Иры мысыдысты СФХ амæттæгты Прис æмæ Тъбеты хъæутæй

Ӕфсӕддон зарджыты ӕмӕ патриотикон ӕмдзӕвгӕты фӕсдзыдимӕ адӕм хастой сӕ къухты ӕрмӕст Стыр Фыдыбӕстӕйы хӕсты хайадисджыты къамтӕ нӕ, фӕлӕ ма 1989-2008 азты гуырдзиаг-ирон хӕстыты амӕттӕгты нывтӕ дӕр.

Ветеранты номыл концерты ралӕууыдысты адӕмон инструментты оркестр "Айзӕлд" ӕмӕ республикӕйы сывӕллӕтты сфӕлдыстадон коллективтӕ.

Уыдон зарыдысты хӕстон зарджытӕ, фарстой ӕмдзӕвгӕтӕ уӕлахизы тыххӕй ӕмӕ дзырдтой бузныджы ныхӕстӕ хӕсты хайадисджытӕн.

Акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк" уагъд цӕуы Уӕлахизы Боны Уӕрӕсейы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты, уыдонимӕ Хуссар Ирыстоны дӕр. Уый у цыд, кӕцыйы рӕстӕджы адӕм хӕссынц сӕ хӕстӕджыты — Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджыты къамтӕ.

1 / 5
"Ӕнӕмӕлгӕ полк" Хуссар Иры
2 / 5
"Ӕнӕмӕлгӕ полк" Хуссар Иры
3 / 5
"Ӕнӕмӕлгӕ полк" Хуссар Иры
4 / 5
"Ӕнӕмӕлгӕ полк" Хуссар Иры
5 / 5
"Ӕнӕмӕлгӕ полк" Хуссар Иры

Фыццаг хатт ацы акци уагъд ӕрцыд Томскы. 2015 азы "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы ӕппӕт Уӕрӕсейы хайад райстой 12 милуан адӕймаджы. Уый фӕстӕ сарӕзтой ӕппӕтуӕрӕсейон ӕхсӕнадон-патриотикон змӕлд "Уӕрӕсейы Ӕнӕмӕлгӕ полк".

Афтӕ ма Уӕлахизы Боны цытӕн республикӕйы ауагътой ӕндӕр мадзӕлттӕ дӕр — веноктӕ ӕмӕ дидинджыты сӕвӕрдтой хӕсты хайадисджыты цыртытӕм, акци "Георгиевская ленточка", солдатон бонсадӕн, парад.