"Остелеком" сарæзта лæвар ветерантæн сæ бæрæгбонмæ

Хуссар Иры ма Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджытæй сæрæгас чи ис, уыдонæй алкæцыйæн дæр йæ телефоны хыгъдыл сæвæрдтой 500 сомы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны бастдзинады компани "Остелеком" Уæлахизы бæрæгбонмæ лæвары хуызы баххæст кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджытæн сæ телефоны хыгъдтæ, фехъусын кодтой Sputnik компанийы æхсæнадимæ бастдзинæдты хайады.

Хуссар Иры мысыдысты СФХ амæттæгты Прис æмæ Тъбеты хъæутæй

Хуссар Иры ма Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджытæй сæрæгас чи ис, уыдонæй алкæцыйæн дæр йæ телефоны хыгъдыл сæвæрдтой 500 сомы

"Компанийы фæндыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджытæн сæ бæрæгбонмæ балæггад кæнын æмæ аскъуыддзаг кодтам сæ телефоны хыгъдтыл сæвæрын фæйнæ 500 сомы. Акци аххæссыд æппæт ветерантыл дæр — 23 адæймагыл", — загъта "Остелеком"-ы минæвар Кокойты Ека.

Уый ма банысан кодта, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджытæ æнæуый дæр кæй пайда кæнынц сæрмагонд тарифон план "Ветеран"-æй, цы ран хызы мидæг бастдзинад у æнæаргъ.