Рæмонаты Сослан слæудзæн Уæрæсейы æмбырдгонды сæргъ Дунейы Чемпионаты

Ӕдæппæтæй Уæрæсейы Федерацийы командæйы сконды ис 10 атлеты, уыдонæй авд сты ирæттæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Олимпиаг чемпион Рæмонаты Сослан слæудзæн Уæрæсейы æмбырдгонды сæргъ уæгъдибар хъæбысхæстæй æфсæддонты ʻхсæн дунейы чемпионаты, хъусын кæны Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федерацийы сайт.

Рæмонаты Сослан æрлæудзæн хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонды сæргъ Дунейы кубокы

Ивгъуыд аз ацы ерысты уæлахиздзаутæ ссисты Рæмонаты Сослан æмæ Цæболты Хетæг.

Рæмонаты Сосланæй дарддæр, ерысты уæрæсейаг командæйы сконды архайдзысты дунейы чемпион Цæболты Хетæг æмæ Европæйы чемпион Байцаты Владислав. Ӕмбырдгондмæ ма бацыдысты ирон спортсментæ Уалыты Андрей æмæ Европæйы чемпионаты призер Хуыгаты Алан, стæй ма Тускъаты Азæмæт æмæ Сидахъты Зауырбег.

Турнир цæудзæн 15-17 майы Мæскуыйы.