Хуссар Иры ацæудзæн æхсæнадæмон турнир уæлыстолы теннисæй

Турниры призертæ райсдзысты майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæлдæр спортивон дæсныйады скъола Хæдбардзинады боны цытæн уадзы фæндзæм æхсæнадæмон турнир уæлыстолы теннисæй, хъусын кæны Спорт, туризм æмæ фæсивæдон хъуыддæгты фæдыл комитеты пресс-службæ.

Хуссарирыстойнаг теннисисткæ ссис Уæрæсейы клубон чемпионаты призер

Турнир цæудзæн спорты галуан "Олимп"-ы 25—27 майы. Архайдзысты дзы спортсментæ Цæгат Ирыстонæй, Дагестанæй, Абхазæй, Ставрополæй, Краснодарæй, Мæскуы æмæ Тулайæ.

Ерыстæ цæудзысты Столы теннисы æхсæнадæмон федерацийы архайгæ уагæвæрдмæ гæсгæ.

Призон бынæттæ цы спортсментæ бацахсой, уыдон райсдзысты грамотæтæ, майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Турнир цæуы парти "Иугонд Ирыстон", "Остелеком", минералон дон "ALANDON" æмæ Цхинвалы фыдызгъæлы завод "Растдон"-ы æххуысæй.