Цхинвал загъта йӕ хъуыды Уӕрӕсе-Гуырдзыстоны транзитон къӕлидоры фӕдыл

Транзитон къӕлидор Уӕрӕсе ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн хыгъдмӕ нӕ исы Хуссар Ирыстоны интерестӕ, банысан кодтой уагдоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы хицауад ӕмӕ Швейцарийы Конфедерацийы совет дыццӕджы, 18 майы бафыстой бадзырд таможнӕйон администраци ӕмӕ Гуырдзыстонимӕ базарады сӕйраг принципты фӕдыл.

Президент радзырдта, куыд цӕудзӕн транзит Хуссар Ирыл

Бадзырдмӕ гӕсгӕ хъуамӕ арӕзт ӕрцӕуой транзитон къӕлидортӕ Уӕрӕсе ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн. Хуссар Ирыстон ацы бадзырды хайад нӕ исы, фӕлӕ къӕлидортӕй иу цӕудзӕн республикӕйы территорийы уылты, банысан кодтой РХИ дипломатон уагдоны.

Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады радзырдтой, транзитон къӕлидоры арӕзтад хӕдбар паддзахады территорийыл кӕй уыдзӕн зын сӕххӕст кӕнын, уый тыххӕй ӕмӕ бадзырд хыгъдмӕ нӕ исы Хуссар Ирыстоны позици ӕмӕ интерестӕ.

Республикӕйы президент Бибылты Анатолий йӕ интервьютӕй иуы банысан кодта, Хуссар Ирыстонӕн кӕй нӕ уыдзӕн дӕлахъазон бынат ацы бадзырды ӕмӕ дзы хайад исдзӕн ӕрмӕст дӕр куыд ӕмбар ӕмбал.

Хуссар Ирыстоны ФХМ бахахх кодтой, ацы бадзырды реализаци баст кӕй у йӕ хайадисджыты — Мӕскуы ӕмӕ Тбилисы — баныхасимӕ хуссарирыстойнаг республикӕйы хицауадимӕ.