Президент радзырдта, куыд цӕудзӕн транзит Хуссар Ирыл

© Sputnik / Наталья Айриян100 дней Анатолия Бибилова
100 дней Анатолия Бибилова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий фехъусын кодта депутаттӕн Уӕрӕсеимӕ йӕ балцы хатдзӕгтӕ ӕмӕ радзырдта бадзырды фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik, Босыкты Наталья. Транзит Хуссар Ирыл цӕудзӕн республикӕйы закондӕттынад хынцгӕйӕ, фехъусын кодта Бибылты Анатолий парламенты сессийы рӕстӕджы.

"Нӕ республикӕйыл транзит хъуамӕ куса. Уыимӕ иумӕ ӕххӕст цӕудзысты республикӕйы закӕттӕ. Дзырд цӕуы ӕрмӕст Гуырдзыстоныл нӕ, фӕлӕ Сомихстон, Турк, Иран ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтыл, кӕцыты хъӕуы ацы фӕндаг", – загъта президент.

Бибылты Анатолий фехъусын кодта депутаттӕн Уӕрӕсеимӕ йӕ балцы хатдзӕгтӕ ӕмӕ радзырдта бадзырды фӕдыл

Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры равзӕрстой Уæлдæр тæрхондоны ног сæргълæууæджы

"Ӕппӕт фарстытӕ скъуыддзаг ӕрцыдысты. Ӕнӕивгӕйӕ зайынц Уӕрӕсейы ӕххуыс ӕмӕ ахаст Хуссар Ирмӕ. Уынаффӕ цыд ахуырад, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ культурӕйы фадыджы сӕйраг фарстытыл. Мах бафыстам къорд бадзырды", – баххӕст кодта Бибылты Анатолий.

Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгад райсыны тыххӕй кӕй нал хъӕудзӕн вазыгджын процедурӕтӕ цӕуын, кӕцытӕ ӕмбӕлынц ӕндӕр бӕстӕты цӕрджытӕм.

"Бадзырд ныридӕгӕн ис уӕрӕсейаг ведомствӕты ӕркастмӕ. Дывӕр ӕмбӕстагад домы нӕ разыдзинад дӕр. Парламент куы рахӕсса фарст уынаффӕмӕ, уый фӕстӕ закон ист ӕрцӕудзӕн Хусссар Иры дӕр ӕмӕ Уӕрӕсейы, ӕмӕ уӕд ныхас кӕндзыстӕм дывӕр ӕбӕстӕгадыл", – загъта Бибылты Анатолий.

Хуссар Ирыстоны президенты официалон балц Уӕрӕсемӕ цыд 13-14 ноябры. Йӕ балцы рӕстӕджы Бибылты Анатолийӕн уыд фембӕлд УФ-йы президент Владимир Путинимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0