Ирон æрмхæцджытæ цæуынц Европæйы ерыстæм Болгаримæ

Ирыстоны спортивон кад хъахъхъæндзысты Европæ æмæ дунейон ерысты уæлахиздзау Гасситы Сослан æмæ ацы æмвæзады ерысты призертæ Дыгъуызты Милена æмæ Хæбæлаты Арсен
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæй æртæ стох кæндзысты европæйаг ерысты Болгарийы, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Джиоты Валерий.

Уæрæсейы æмбырдгонды сконды архайгæйæ, Ирыстоны спортивон кад хъахъхъæндзысты Европæ æмæ дунейон ерысты уæлахиздзау Гасситы Сослан æмæ ацы æмвæзады ерысты призертæ Дыгъуызты Милена æмæ Хæбæлаты Арсен.

Ирон æрмхæцджытæ рамбылдтой 7 майданы Дунейы чемпионаты

"Ӕртæйæ стох кæндзысты ерысты — Гасситы Сослан (90кг), Дыгъуызты Милена (70+) æмæ Хæбæлаты Арсен (65). Арсен æмæ Милена тох кæнынц юниорты ʻхсæн, Сослан æмрæстæджы архайы фæсивæды æмæ хистæр кары спортсменты ʻхсæн дæр. Хъыгагæн, нæ аннæ хъомылгæнинаг Плиты Батрадз, кæцы хорз бæрæггæнæнтæ равдыста Уæрæсейы фыццагады, рынчыны аххосæй нæ цæуы ерыстæм", — загъта тренер.

Джиоты Валерий йæ хъомылгæнинæгтæй у ныфсджын æмæ йæ уырны, Хæдбардзинады бæрæгбонмæ — 29 маймæ Ирыстонæн кæй балæвар кæндзысты уæлахизтæ.

"Хорз цæттæ сты се ʻппæт дæр. Цы бынæттæ бацахсой, уый иунæг Хуыцау зоны, фæлæ мæ ныфс ис Хуссар Ирæн Хæдбардзинады бæрæгбонмæ кæй æрхæсдзысты майдантæ", — балхынцъ кодта уый.

Европæйы чемпионат æмæ фыццагад армспортæй цæудзæн 26 май — 3 июны Болгарийы сæйраг горæт Софияйы.

Цхинвалы æрмхæцджыты тренировкæтæ