Ирон æрмхæцджытæ рамбылдтой 7 майданы Дунейы чемпионаты

© Федерация армрестлинга РоссииИрон æрмхæцджытæ рамбылдтой 7 майданы Дунейы чемпионаты
Ирон æрмхæцджытæ рамбылдтой 7 майданы Дунейы чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æмткæй дыууæ боны ерысты фæстиуæгæн ирон спортсментæ æрæмбырд кодтой 15 майданы алыгъуызон къæпхæнты

Æмткæй дыууæ боны ерысты фæстиуæгæн ирон спортсментæ æрæмбырд кодтой 15 майданы алыгъуызон къæпхæнты Ирон æрмхæцджытæ дунейы фæсивæдон фыццагады дыккаг бон рамбылдтой 7 майданы, хъусын кæны Ossetia News.

Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Сослан цыппæрæм хатт ссис дунейы чемпион армспортæй

Уæрæсейы æмбырдгонды сконды ирон æрмхæцджытæй сыгъзæрин майдантæ райстой Гасситы Сослан, Дыгурты Сæрмæт æмæ Байты Милана. Ерысты дыккаг бынæттæ бацахстой Гуыззытаты Диана, Хосираты Залина æмæ Фæринаты Егор. Бронзæ майдан та рамбылдта Хуыбиаты Диана", — дзырдæуы хъусинаджы.

Армспорты дунейон фыццагад фæсивæды ʻхсæн цыд Будапешты. Ерысты фыццаг бон уæрæсейы командæйы ирон æрмхæцджытæ райстой 8 майданы алыгъуызон къæпхæнты.

Ног хабӕртты лентӕ
0