Бибылты Анатолий Хуссар Иры делегацийы сӕргъ хайад райсдзӕн ПӔЭФ-ы

Форумы Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хицауадты хсӕн бафыст ӕрцӕудзӕн бадзырд акционерон ӕхсӕнад "Газпром - Хуссар Ирыстон"-ы уӕйы фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй хайад райсдзӕн Петербурджы ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы (ПӔЭФ), хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Газпром" загъта Хуссар Ирыстоны газификацийы домæнтæ

Делегацийы сконды ис хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, РХИ минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр, финансты министр Хӕбӕлаты Аза, экономикон райрӕзты министр Кокойты Геннадий, сӕудӕджерад ӕмӕ транспортон комитеты сӕрдар Бекойты Геннадий.

Форумы рӕстӕджы Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хицауадты хсӕн бафыст ӕрцӕудзӕн бадзырд "Акционерон ӕхсӕнад Газпром — Хуссар Ирыстоны акциты ауӕй кӕныны ӕмӕ йӕ дарддӕры архайды фӕдыл".

Афтӕ ма Бибылты Анатолий хайад райсдзӕн ПӔЭФ пленарон рабадты ӕмӕ фембӕлдзӕн политиктӕ ӕмӕ бизнесментимӕ форумы быдырты.