Дзӕуджыхъӕуы равдисдзысты оперӕ "Къоста"

Фӕстаг хатт зындгонд оперӕ ирон поэт ӕмӕ драматургы царды тыххӕй ӕвдыстой Цӕгат Ирыстоны столицӕйы 1989 азы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны равдисдзысты фыццаг националон оперӕ, кӕцы ныффыста ирон композитор Плиты Христофор 1960 азы ирон поэт ӕмӕ драматург Хетӕгкаты Къостайы райгуырдыл 100 азы сӕххӕсты цытӕн, хъусын кӕны газет "Слово".

Къоста Болгарийы: ирон поэтæн бакодтой цырт фæсарæнты

Оперӕйы режиссер уыдзӕн Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист Гӕлӕуты Анатолий. Ног уацмыс ирон кӕсджытӕн равдисдзысты республикӕйы Паддзахадон националон оперӕ ӕмӕ балеты театры 26 майы, театры 60 азы юбилейы цытӕн.

Дыууӕархайдон оперӕйы хайад райсдзысты Санкт-Петербурджы Мариинаг театры солисттӕ. Сӕвӕрды музыкалон разамонӕг уыдзӕн Гергиты Лариса. Сӕрмагонд архайды хайад райсдзӕн ӕвзонг вокалист, театр "ГИТИС"-ы музыкалон факультеты студент, Павел Лисицианы номыл фӕндзӕм ӕхсӕнадӕмон вокалистты конкурсы уӕлахиздзау Дулаты Дзамболат.

Оперӕ "Къоста"-йы сюжет арӕзт у поэты царды ӕцӕг хабӕртты бындурыл. Фыццаг хатт уацмыс сӕвӕрдта режиссер Иоаким Шароев 1960 азы Мӕскуыйы Кремлы театры. Оперӕйы хайад истой зындгонд ирон музыканттӕ, сӕ дирижер та уыд Дударты Вероника.