Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой "Снюс"-имӕ

Фӕткхалӕджы ӕрцахстой рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады паддзахадон автоинспекцийы управленийы кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы цӕрӕджы, кӕцыйы хӕдтулгӕйы ссардтой ӕууилгӕ тамако "Снюс", фехъусын кодта цыппӕрӕмы МХМ пресс-службӕ.

Цæгат Иры фæкарздæр кодтой санкцитæ снюс æмæ насвай уæй кæныны тыххæй

Фӕткхалӕджы ӕрцахстой рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы 29 майы 01:15 сахатыл.

"Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы управленийы кусджытӕ баурӕдтой автомашинӕ ВАЗ-21099, кӕцы скъӕрдта горӕты 21-аздзыд цӕрӕг. Автомашинӕ басгӕрстой сӕрмагонд фӕрӕзты руаджы. Дуары дзыппы ссардтой ӕууилгӕ тамакоимӕ тыхтон, кӕцыйы арвыстой экспертизӕмӕ", — радзырдтой уагдоны.

МХМ банысан кодтой, экспертон-криминалистон хайад кӕй сбӕрӕг кодта буарад, куыд ӕууилгӕ тамако "Снюс".