Къӕрных басаст цалдӕр давды тыххӕй Цхинвалы

Горӕты 30-аздзыд цӕрӕджы ӕрцахстой ивгъуыд къуыри, уымӕ зӕрдӕ 'хсайдта 62-аздзыд ӕмбӕстаджы хӕдзарӕй сыгъзӕринтӕ адавыны фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik. Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ 'хсайдта хӕзнатӕ адавыны ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фыдракӕндты, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

Цхинвалы цæрæджы марæг ма басаст ноджы давдыл дæр

Горӕты 30-аздзыд цӕрӕджы ӕрцахстой ивгъуыд къуыри, уый аххосджын кодтой 62-аздзыд ӕмбӕстаджы хӕдзарӕй сыгъзӕринтӕ адавыны хъуыддаджы. Хӕзнатӕ байстой ӕрцыдысты фӕстӕмӕ.

"Оперативон-фӕдагурӕн мадзӕлтты рӕстӕджы криминалон милицийы кусджытӕ МХМ фӕдагуырды управлениимӕ сбӕрӕг кодтой фыдгӕнӕджы хайад ӕндӕр ахӕм фыдракӕндты", — загътой МХМ.

Уагдоны банысан кодтой, фыдгӕнӕг кӕй басастис 8 майы Цхинвалы Джиоты Аланы проспектыл хӕдзарӕй ӕхцатӕ ӕмӕ хӕзнатӕ адавыныл дӕр.

Житель Цхинвала задержан по подозрению в совершении кражи золотых изделий

Оперативон кусджытӕ уадзынц мадзӕлттӕ, цӕмӕй ссарой давд хцатӕ ӕмӕ хӕзнатӕ, афтӕ ма сбӕрӕг кӕной фыдгӕнӕджы хайад ӕндӕр ахӕм фыдракӕндты Хуссар Ирыстоны территорийыл.

МХМ фӕдагуырды управлени бакодта уголовон хъуыдтаг статья "Давд"-ы фӕдыл.