Цхинвайлаг хъæбысæйхæцæг Бестауты Андрей ссис Уæрæсейы æвзист призер

Ирон богалтæ æртæйæ архайдтой æппæтуæрæсейон ерысты, уыдонæй Бестауты Андрей ссис призер. Уымæй размæ та ахæм æнтыст йæ къухы бафтыд ЦКФЗ ерысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы фыццагады 18 азы кары онг спортсменты ʻхсæн цхинвайлаг богал бацахста æртыккаг бынат, фехъусын кодта Sputnik уæгъдибар хъæбысхæсты скъолайы директор, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы сгуыхт тренер Тедеты Мурат.

Уæрæсейы фыццагадмæ Хуссар Ирыстонæй раразмæгонд æрцыдысты æртæ богалы – Бестауты Андрей, Зассеты Азæмæт æмæ Къелиты Александр. Уыдонæй æрмæст Бестауты Андрей ссис призер.

Цхинвайлаг богал Дзæгъиаты Сослан ссис Уæрæсейы фыццагады призер

"Бестауты Андрей 110 кг уæзы ссис бронзæйон призер. Уæрæсейы æмвæзады æртыккаг бынат райсын хуымæтæг нæу æмæ йæ архайдæй стæм райгонд", — загъта скъолайы директор.

Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы фыццагады 18 азы кары онг спортсменты ʻхсæн Цæгат Ирыстоны æмбырдгонд, кæцыйы сконды архайдтой цхинвайлæгтæ дæр, райста фыццаг командон бынат. Æмтæкæй Ирыстоны командæ рамбылдта цыппар сыгъзæрин, иу æвзист æмæ дыууæ бронзæйон майданы.

Хуссар Ирыстоны спортсменты цæттæ кæнынц тренертæ Коцты Тамерлан, Бикойты Азæмæт, Тедеты Мурат æмæ Бестауты Мурат.