Цхинвалы цӕрӕгмӕ ссардтой тобӕгонд "Лирика"

Фыдгӕнӕгӕй байстой тобӕгонд буарады дӕс капсулӕй фылдӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Наркотикон буарадты парахат кӕнынмӕ хъусдарды управленийы кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы цӕрӕджы, кӕцымӕ басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой тобӕгонд буарад "Лирика"-йы цалдӕр капсулы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Фӕткхалӕджы ӕрцахстой цыппӕрӕмы 23:00 сахатыл.

Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой морфинӕй пайда кӕныны тыххӕй

"Управленийы кусджытӕ Дзауы районы Уанелы хъӕуы ӕрцахстой Цхинвалы 24-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ хсайдта табугонд буарад "Лирика"-йы ӕнӕзаконон ӕрбаласты фӕдыл. Басгӕрсты рӕстӕджы фыдгӕнӕгмӕ ссардтой "Лирика"-йы 13 капсул", — банысан кодтой МХМ.

Басгӕрст уадзы МХМ криминалон милици.

Хуссар Ирыстоны "Лирика" у тобӕгонд, уый фӕдыл ӕмбӕлон закон райста республикӕйы парламент 2015 азы. Ивгъуыд мӕйы депутаттӕ баххӕст кодтой закон, сӕйраджыдӕр, фӕкарз кодтой препарат парахат ӕмӕ ласыны фӕдыл бӕрн. Ныр уый тыххӕй ис ӕрмӕст административон нӕ, фӕлӕ ма уголовон ӕфхӕрд дӕр.