Хуссар Иры хицауад райста бизнесӕн ӕххуысы программӕ

Хицауады рабадты ма паддзахадон программӕйӕ дарддӕр райстой уӕлбарон кредиткӕнынадӕн ӕххуысы фонды закон дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад райста паддзахадон программӕйы проект чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгады райрӕзты фӕдыл, фехъусын кодта къуырисӕры министрты кабинеты пресс-службӕ.

Куыд райсæн ис уæлбар кредит Хуссар Иры: депутаттæ бакуыстой законыл

Хицауады рабадты экономикон райрӕзты министр Кокойты Геннадий банысан кодта, ӕввахс рӕстӕджы ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы райсын барадон акттӕ, цӕмӕй ӕнцондӕр уа чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕггады райрӕзты закон райсын.

Афтӕ ма рабадты райстой уӕлбарон кредиткӕнынадӕн ӕххуысы фонды закон дӕр.

Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта, зӕгъгӕ, хицауады рабадтмӕ цы закӕттӕ рахӕссынц, уыдоныл развӕлгъау лӕмбынӕг кӕй фӕхъӕуы бакусын.

"Цалынмӕ закон рахӕссат рабадтмӕ, уӕдмӕ йын йӕ статьятыл хъӕуы лӕмбынӕг бакусын. Уый у хицауады иумӕйаг куыст, ӕрмӕст хицӕн министрадтӕ ӕмӕ уагдонты нӕ, фӕлӕ", — банысан кодта Пухаты Эрик.