ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны депутаттæ экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты рабадты рæстæджы æруынаффæ кодтой чысыл амалиуæгады субъектты уæлбар кредиткæнынады фæдыл законмæ барастгæнинæгтыл, хъусын кæны парламенты пресс-службæ.
Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны парламент фыццаг бакасты райста уæлбар кредиткæнынады фæдыл закон. Уынаффæты рæстæджы депутаттæм сæвзæрд бирæ фарстытæ кредиткæнынады механизмты фæдыл, кæцытæ уыдон нæ банымадтой бынтон æмбæрстгонд æмæ сыгъдæгыл, уымæ гæсгæ законыпроект æрвыст æрцыд бакуыстмæ.
Экономикæйы министрад æмæ Ӕфснайæн банчы къухдариуæгад æрбавдыстой се 'нхъарæнтæ, кæцытæ ратдзысты фадат чысыл амалиуæгады райрæзтæн кредит райсыны процесс фæрогдæр кæнын.
"Кæд адæймагæн æрмæстдæр иу хæдзар ис, кæцы уый уадзы цъынды, уæд ын нæ хъæуы кредит дæттын. Адæмы нæ фæуырны, сæ хъуыддаг кæй нæ ацæудзæн æмæ æнæ хæдзарæй кæй аззайдзысты. Уымæй цы пайда уыдзæн æмæ та радон æмбæстаг æнæ хæдзарæй куы аззайа. Ӕндæр куыддæр бакусын хъæуы ацы фарстыл", — загъта вице-спикер Тедеты Руслан.
Ацы хъуыдыимæ сразы ис депутат Чилæхсаты Владимир дæр, кæцы банхъардта хæдзары бæсты цъынды уадзын бизнесæн йæхи.
400 мин сомы онг кредит райсыны процесс фæрогдæр кæныны фадæттæй иуыл депутаттæ нымайынц фæдзæхстады аивд.
Депутат Плиты Александры ныхæстæм гæсгæ, хъæуы саразын сæрмагонд къамис, кæцы комкоммæ кусдзæн амалиуæггæнæгимæ æмæ бæлвырд кæндзæн, цы суммæ йæ хъæуы бизнес бакæнын кæнæ райрæзтæн.
Ӕфснайæн банчы къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæг Тадтаты Инна бамбарын кодта, кредит райсыны тыххæй цæмæн хъæуынц ахæм мадзæлттæ, куыд фæдзæхстад æмæ цъынды.
"Адæймагæн æфтиаг куы нæ уа, уæд йæ кредит цæмæй хъавы фидын? Цæмæн хъæуы кредит дæттын, фидæны йæ бафидын йæ бон куы нæ суа. Алчидæр зоны, цы бизнесæн райсы адæймаг кредит, уый æвиппайды кæй нæ райдайы æфтиаг хæссын. Уымæ гæсгæ, кредит раттыны рæстæджы банкæн ахæм мадзæлттæ райсынæй дарддæр æндæр гæнæн нæй æмæ æрдомы фæдзæхст адæм æмæ цъынды", — загъта уый.
Уынаффæтæ балхынцъ кæнгæйæ, комитеты разамонæг Джиоты Инал банысан кодта, уæлбар кредиткæнынады фæдыл закон кæй хъæуы райсын куыд тагъддæрæй, уымæн æмæ ис тынг бирæ адæм, кæцыты фæнды с бизнес бакæнын кредитон фæрæзты фæрцы.
Уый банхъардта законыпроект сессимæ рахæссын банхъаргæ барастгæнинæгтимæ.