Хуссар Ирыстоны ссардтой нӕлгоймаджы мӕрдон буар

Нӕлгоймаджы буар ссардтой Гудзабары хъӕуы йӕ хӕдзары къӕсӕрыл, иу бон раздӕр ма ноджы иу мӕрдон буар ссардтой Леуахийы цӕугӕдоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕвзарынц Гудзабары хъӕуы 54-аздзыд цӕрӕджы амӕлӕты цау, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Дзауы районы ссардтой нӕлгоймаджы мӕрдон буар

Нӕлгоймаджы буар ссардтой дыццӕджы райсомӕй, Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайадмӕ хъусинаг ӕрбацыд тагъд ӕххуысы станцы радгӕсӕй.

"Цауы бынатмӕ бацӕуӕг оперативон кусджытӕ ӕмӕ Генпрокуратурӕйы фӕдысгарӕг нӕлгоймаджы буар ссардтой йӕ хӕдзары къӕсӕрыл.

Тӕрхондонон-медицинон эксперт не ссардта буарыл фыдмарды миниуджытӕ", — банысан кодтой МХМ.

Цауы фӕдыл басгӕрст уадзы районы мидхъуыддӕгты хайад.

Иу бон раздӕр ма ноджы иу нӕлгоймаджы мӕрдон буар ссардтой Леуахийы цӕугӕдоны, Дзауы районы Хслебы хъӕумӕ ӕввахс.