Хуссар Иры хицауады сӕрдар фехъусын кодта театры арӕзтады фӕуды ӕмгъуыд

Театры куыстыты фӕуды ӕмгъуыд бирӕ хатт ӕрцыд ивд, хицауады сӕрдар ныр та загъта ног ӕмгъуыд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 июн ­- Sputnik. Аразджытӕ ныфс ӕвӕрынц Хетӕгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр июлы кӕрӕттӕм эскплуатацимӕ раттын, радзырдта РХИ хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, парламенты раз бакӕнгӕ куыстӕн хыгъдлӕвӕрд аразыны рӕстӕджы.

Ӕвзонг Уастырджи: театры фрескæты алыварс рауад хъаугъа

"Фарон президент Бибылты Анатолийы уынаффӕйӕ бирӕ объектты куыстытӕ фесты. Баззад ма дзы ӕрмӕстдӕр театр. Аразджытӕ ныфс ӕвӕрынц, июлы кӕрӕттӕм театр кӕй ратдзысты эксплуатацимӕ. Фӕлӕ ӕнӕ фонтанӕй", — загъта Пухаты Эрик.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фонтан Цхинвалы театралон фӕзуатыл ратдзысты эксплуатацимӕ фӕстӕдӕр.

Театры арӕзтад, кӕцыйӕн рахицӕн кодтой иу миллиард сомӕй фылдӕр, бирӕ хатты фӕцис критикӕйы бын. Объекты куыстыты фӕуды ӕмгъуыд бирӕ хатт ӕрцыд ивд. Амӕйразмӕ хъаугъа расайдтой театры царыл ирон дауджыты нывтӕ дӕр. Фӕстаг инцидент та уыдис зынаргъ ифтонггарзы фесӕфт.