Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Симферополы хсӕн нал уыдзӕн уӕлдӕфон бастдзинад

Уӕлдӕфон бастдзинад фӕнд кодтой бакӕнын июны райдайӕнӕй сӕрды кӕрӕттӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны аивтой уӕлдӕфон бастдзинады баконд, кӕцы хъуамӕ баиу кодтаит Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Симферополь сӕрды райдайӕнӕй фӕстӕмӕ, хъусын кӕны газет "Слово".

Аэропорт "Дзӕуджыхъӕу" сдзырдта иронау

Цӕгат Ирыстоны къухдариуӕгад фӕнд кодта ауӕрӕх кӕнын аэропорт "Дзӕуджыхъӕуы" атахтты географи ӕмӕ бахӕссын сӕрдыгон рейстӕ "Дзӕуджыхъӕу-Симферополь", фӕлӕ уыцы фӕнд ӕххӕст не 'рцыд.

Уӕлдӕфон бастдзинад хъуамӕ ӕххӕст кодтаид авиакомпани "РусЛайн".

"Фыццаг нӕм ӕрбацӕуы бавдыст авиакомпанийӕ, кӕцыйы фӕнды немӕ ӕмгуыстад кӕнын. Мах райстам уыцы бавдыст, фӕлӕ ӕввипайды авиакомпани фехъусын кодта рейсы аивды тыххӕй. Аххосӕгтӕ нын нырма нӕ загътой", — радӕтта мыхуыры фӕрӕз аэропорты минӕвары ныхӕстӕ.

Амӕйразмӕ Симферополы ӕхсӕнадӕмон аэропорты пресс-службӕ фехъусын кодта, уӕлдӕфон бастдзинад дыууӕ регионы хсӕн кӕй уыдзӕн сезонон — июлӕй августмӕ.