Зӕгъойты Алан ногӕй ӕрӕвнӕлдта тренировкӕтӕм

Футболист рауагъта Уӕрӕсейы командӕйы тренировкӕ ӕртыццӕджы йӕ фӕсонты травмӕйы тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Уӕрӕсейы командӕйы ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Зӕгъойты Алан цыппӕрӕмы ногӕй райдайдзӕн тренировкӕ кӕнын, хъусын кӕны Р-Спорт.

Медиктӕ сбӕрӕг кодтой, Зӕгъойты Алан травмӕ кӕй райста Дунейы чемпионаты фыццаг хъазты

Футболист рауагъта Уӕрӕсейы командӕйы тренировкӕ ӕртыццӕджы йӕ фӕсонты травмӕйы тыххӕй.

"Цыппӕрӕмы Зӕгъойты Алан райдайдзӕн тренировкӕ кӕнын, фӕлӕ нырма йӕ тых йӕ бонӕй нӕ кусдзӕн", — дзырдӕуы хъусинаджы, кӕцы ныммыхуыр кодтой националон командӕйы блогы социалон хызӕг Twitter-ы.

Амӕйразмӕ ирон футболист райста травмӕ дунейон чемпионаты баконды хъазты рӕстӕджы Саудон Аравиимӕ, уый фӕстӕ тренировкӕ кодта индивидуалон программӕмӕ гӕсгӕ.

Уӕрӕсейы командӕ 2018 азы дунейон чемпионаты радон хъазт ауадздзӕн Хорватийы командӕимӕ. Командӕтӕ фембӕлдзысты Сочийы 7 июлы.