Дзæуджыхъæуы фæстаг хæрзбон загътой юморист Æлборты Асланæн

Лæппуйы йе ʻнусон бынатмæ афæндараст кæнынмæ æрбацыдысты йæ хиуæттæ, хæлæрттæ, æмкусджытæ æмæ йæ ирд курдиатæн табугæнджытæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт Дзæуджыхъæуы йе ʻнусон бынатмæ афæндараст кодтой КВН командæ "Пирамида"-йы архайæг Æлборты Асланы, хъусын кæны 15 регион.

Масляков Ӕлборты Асланы амӕлӕты тыххӕй: ӕгӕр ӕвзонг уыд мӕлынӕн

Æлборты Аслан архайдта "Пира­мида"-йы сконды, командæ дыууæ хатты ссис вице-чемпион. Йæ фæстаг куысты бынат уыд фыццаг национ телеканал "Осетия-Ирыстон" режиссеры хæсады. Æлборты Асланыл цыд 33 азы.

"Юмористæн хæрзбон загътой йæ хæстæджытæ æмæ хиуæттæ, йе 'мбæлттæ КВН командæйæ, стæй ма сыхаг регионты КВН архайджытæ, йе 'мкусджытæ телеканал "Осетия-Ирыстон"-æй, республикæйы зындгонд артисттæ æмæ æхсæнадон архайджытæ — йæ ирд курдиатæн ын стыр аргъ чи кодта, уыцы адæм", — дзырдæуы хъусинаджы.

Æлборты Асланы мæрдон буар ссардæуыд 4 июлы 5.30 сахатыл Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы, хæххон улæфæн базæйы коттеджтæй иуы. Ныртæккæ республикæйы Фæдсгарæн Комитет æххæст кæны хъæугæ бæрæггæнæг мадзæлттæ артисты мæлæты æппæт уавæртæ рабæрæг кæныны тыххæй.