ЦХИНВАЛ, 10 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацы азы фыццаг хайы ʻрцыд фæндагон фæтк фехалыны 6,8 мин цауы, уыдонæн сæ фылдæры азымджын уыдысты нозтджын шофыртæ, фехъусын кодта Паддзахадон автоинспекцийы хистæр Джиоты Аланы ныхæстæ уагдоны пресс-службæ.
Джиоты Аланы ныхæстæм гæсгæ, æрдæг азмæ автоинспекцийы кусджытæ рабæрæг кодтой 276 шофыры, кæцытæ скъæрдтой хæдтулгæ нозтджынæй. 12 щофырыл та уголовон хъуыддæгтæ конд æрцыдысты, дыккаг хатт сæ кæй æрцахстой нозтджынæй хæдтулгæ скъæргæйæ, уый тыххæй.
Æхсæз мæймæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фæндагон–транспортон цауты фæмард ис авд адæймаджы, зиан баййæфтой 17-æй. Зиæнттимæ аваритæ æрцыд Цхинвал æмæ Знауыры районты дæр.
Ивгъуыд азы ацы рæстæгмæ инспектортæ сбæлвырд кодтой 96 аварийы, цæфтæ райстой 22 лæджы.
Паддзахадон автоинспекцийы хистæр ма радзырдта, ацы аз кæй фæкъаддæр сты фистæгæй цæуджыты ныццæвыны цаутæ æмæ сывæллæтты хайадистимæ авариты нымæц.