ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik. Роспотребнадзор ранымадта иууыл чъизи ӕмӕ иууыл сыгъдӕгдӕр нуазыны донимӕ регионтӕ, хъусын кӕны РИА Новости.
Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, Мӕскуы, Санкт-Петербург ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны ис сыгъдӕг доны ифтонггады максималон ӕвдисӕн.
Иууыл чъизидӕр нуазыны донимӕ регионты номхыгъды сӕргъ лӕууы Вологдæйы область — нуазыны донӕй дзы ифтонг сты цӕрджыты æрмæстдæр 45%. Уый фӕстӕ рейтингы сты Кострома ӕмӕ Курганы областтӕ. Аннӕ регионты нуазыны донӕй ифтонг сты цӕрджыты 70%.
Донифтонгады фӕдыл Федералон закон райдыдтой реализаци кӕнын фондз азы размӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ схызтысты 4% бӕрц. Нуазыны доны гъӕды фӕхуыздӕрфӕкъаддӕр кодта чъизи донимӕ баст низты нымӕц.