ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстон бузныг у Никарагуайы адӕм ӕмӕ къухдариуӕгадӕн се 'стыр бавӕрды тыххӕй республикӕйы ӕхсӕнадӕмон банымады хъуыддагмӕ, дзырдӕуы РХИ президент Бибылты Анатолийы арфӕйы никарагуайаг коллегӕ Даниель Ортегайӕн Сандинистты революцийы боны цытӕн.
19 июлы Никарагуа нысан кӕны Сандинистты революцийы 39-ӕм афӕдзы бон, ацы цауы фӕдыл президент ӕмӕ республикӕйы адӕмӕн раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны президент.
"Никарагуайы адӕм уӕлахизы фӕстӕ райдыдтой аразын демократон ӕмӕ хӕдбар паддзахад. Дисы ӕфтауынц уӕ хицауады ӕнтыстытӕ социалон-экономикон райрӕзты", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Бибылты Анатолий бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон бузныг у Никарагуайы адӕм ӕмӕ къухдариуӕгадӕн сӕ стыр бавӕрды тыххӕй республикӕйы ӕхсӕнадӕмон банымады хъуыддагмӕ.
"Хуссар Ирыстоны тырнынц нӕ бӕстӕты хсӕн хӕларадон ахастытӕ дарддӕр дӕр райтынг кӕнынмӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Никарагуа банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2008 азы сентябры райдайӕны — Уӕрӕсе куы банымадта республикӕйы хӕдбардзинад, уымӕй дыууӕ къуыри фӕстӕдӕр. Уый фӕстӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымадтой Венесуэла, Науру ӕмӕ Сири.