ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik, Козаты Диана. Сӕрд у улӕфыны рӕстӕг, кӕцымӕ иууылдӕр тынг зӕрдиагӕй фенхъӕлмӕ кӕсынц, се 'хсӕн Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ дӕр. Хъарм бонтӕ куы райдайынц, уӕд байгом вӕййы физонджыты сезон, ӕмӕ иууыл хуыздӕр улӕфӕн бынӕттӕ горӕты ӕддейӕ, сӕйраджыдӕр, донбылгӕрӕтты, байдзаг вӕййынц адӕмӕй.
"Мах алкӕцы улӕфты бон дӕр ацӕуӕм нӕ бинонтимӕ физонджытӕм. Сывӕллӕттӕ тынг уарзынц ӕрдз ӕмӕ махӕн дӕр нӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы нӕ хиуӕттӕ ӕмӕ ӕмбӕлтты ӕхсӕн абадын", — дзуры Мӕргъиты Ирина.
Фӕстаг ӕзты столицӕйы бирӕ цӕрджытӕ цалцӕг кӕнынц сӕ хӕдзӕрттӕ хъӕуты ӕмӕ кӕмӕн нӕй, уыдон та фӕнд кӕнынц балхӕнын.
"Ӕз хъуыды кӕнын ӕмӕ нырма дӕс азы размӕ нӕ хъӕуы уыд тынг бирӕ сывӕллӕттӕ, кӕцытӕ-иу сӕрды ӕрцыдысты сӕ хиуӕттӕм. Ныр та, хъыгагӕн, афтӕ нал у. Мӕн тынг фӕнды сцалцӕг кӕнын мӕ хӕдзар хъӕуты ӕмӕ улӕфын уым мӕ сывӕллӕттимӕ", — дзуры йӕ нывӕзттӕ цхинвайлаг Ирбег.
Фӕлӕ уӕддӕр денджызы был улӕфт нырма дӕр у фыццаг, кӕцы равзарынц цхинвайлӕгтӕ. Хуссарирыстойнаг столицӕйы цӕрджыты ӕхсӕн иууыл популярондӕр сты уӕрӕсейаг ӕмӕ абхазаг курорттӕ. Турк ӕмӕ Египет сты дыккаг бынат, кӕдӕм цӕуынц цхинвайлӕгтӕ.
Афтӕ ма Хуссар Ирыстонмӕ дӕр фылдӕр райдыдтой цӕуын уӕрӕсейаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг туристтӕ. Республикӕйы нырма иунӕг гид ӕмӕ экскурситӕуадзӕг Карсанты Гурамы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕфылдӕр туристты нымӕц Уӕрӕсейӕ.
"Ацы азы райдайӕнӕй ӕз ауагътон экскурситӕ 250 туристӕй фылдӕрӕн. Фарон та уыдысты 500 туристы. Ацы аз, мӕнмӕ гӕсгӕ, уыдзысты бирӕ фылдӕр", — загъта уый.
Карсанты Гурам банысан кодта, зӕгъгӕ, бынӕттон цӕрджытӕ дӕр арӕхдӕр хайад райсынц республикӕйы иууыл рӕсугъддӕр бынӕттӕм балцыты.
"Раздӕр тынг нӕ цымыдис кодтой, фӕлӕ ныр ацы хабар фӕивта. Бирӕ адӕмы фӕнды базонын фылдӕр йӕ райгуырӕн бӕстӕйы тыххӕй. Ӕмӕ уый у тынг хорз", — дзуры уый.
Карсанты Гурам фидарӕй загъта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстонмӕ цӕудзӕн бирӕ фылдӕр туристтӕ, фӕлӕ дзы ис егъау проблемӕ — ӕрцӕугӕ адӕмӕн нӕй уазӕгдӕттӕ. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр уырны, ацы фарст кӕй аскъуыддзаг кӕндзысты ӕмӕ фӕсарӕйнӕгтӕ арӕхдӕр кӕй цӕудзысты нӕ республикӕмӕ ӕмӕ бынӕттон туризм райтынг уыдзӕнис.