Фӕласта фӕндаг: Хуссар Иры улӕфджытӕ бахаудтой къӕппӕджы

Къӕппӕджы бахаугӕ адӕмӕн сӕ бон не ссис горӕтмӕ ныдздзӕуын сӕхи хӕдтулгӕтыл тӕрккъӕвдайӕ фӕласгӕ фӕндагыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik, Уалыты Диана. Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны Къозы цады улӕфджытӕн сӕ бон не ссис фӕстӕмӕ горӕтмӕ ацӕуын тӕрккъӕвдаты тыххӕй, кӕцытӕ фӕластой фӕндаг. Республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, адӕм ныууагътой сӕ транспорт ӕмӕ къахӕй цыдысты Къуайсамӕ, фӕндагыл сӕ сӕвӕрдтой Мидхъуыддӕгты министрады бынӕттон хайады хӕдтулгӕтӕ.

Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг, кӕцы уыд зианбаййафджыты ӕхсӕн, радзырдта Sputnik, фӕндагыл кӕй баззад ӕртӕ-цыппар хӕдтулгӕйы.

"Мах ныууагътам уым нӕ хӕдтулгӕтӕ, цалынмӕ фӕндаг ма асыгъдӕг кӕной. Фӕстӕмӕ цыдыстӕм цъыфы – фӕндаг афтӕ тынг фӕласта, ӕмӕ нӕм касти ома дзы фӕндаг никуыдӕр уыд", — радзырдта уый.

Размытая дорога у озера Коз

Фӕндагмӕ ацыдысты кусджытӕ техникӕимӕ, уыдон архайынц, цӕмӕй йӕ сцалцӕг кӕной.