Балц райдыдта: Хуссар Иры президент атахт Сиримӕ

Бибылты Анатолий нывӕнды ауадзын баныхас сириаг разамонӕг Башар Асадимӕ, афтӕ ма балцы рӕстӕджы бафысдзысты ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд дӕр Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сириаг Арабаг Республикӕйы ӕхсӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий атахт Дамаскмӕ йӕ фыццаг официалон балцы, фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы администраци.

Сири банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад

Балцы рӕстӕджы Бибылты Анатолий ауадздзӕн баныхас Сирийы президент Башар Асадимӕ ӕмӕ бафысдзыӕн ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сириаг Арабаг Республикӕйы ӕхсӕн.

Хуыцаубоны, 22 июлы, Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий ӕмӕ йӕ сириаг коллегӕ Валид Муаллем бафыстой Дамаскы дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны фӕдыл бадзырд.

Сири банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад 29 майы. Уый размӕ хуссарирыстойнаг республикӕйы хӕдбардзинад банымадтой Уӕрӕсе, Никарагуа, Венесуэла ӕмӕ Науру.