Цхинвалы ссардтой нæлгоймаджы буар

Горæты Плиты Иссæйы (раздæры Островскийы) уынгыл ссардæуыд нæлгоймаджы мардыбуар, фехъусын кодтой МХМ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ сгарынц 63-аздзыд нæлгоймаджы мæлæты уавæртæ. Нæлгоймаджы мæрдон буар ссардтой йæ хæдзары, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.

Æбæрæг нæлгоймаджы мард ссардæуыд Цхинвалы

Горæты Плиты Иссæйы (раздæры Островскийы) уынгыл, 49 хæдзары нæлгоймаджы мæрдон буар ссарыны тыххæй хъусинаг мидхъуыддæгты министрады горæты хайадмæ æрбацыд сабаты, 21 июлы.

"Цауы бынатмæ ацыдысты Мидхъуыддæгты министрады сгарæн-оперативон къорды æмæ генералон прокуратуæйы фæдагурджытæ. Радгæсон фæдагурæг федта æнамонд цауы бынат", — банысан кодтой МХМ-йы.

Уагдоны бафтыдтой, сгæрст уадзы Мидхъуыддæгты министрады горæттаг управлени.